Дзæуджыхъæуы цæуынц гом ерыстæ самбо æмæ дзюдойæ æрыгæтты æхсæн
Дзæуджыхъæуы цæуынц гом ерыстæ самбо æмæ дзюдойæ æрыгæтты æхсæн. Мадзал сбастой сывæллæтты хъахъхъæныны бонимæ. Манежы æрбамбырд сты 100 архайæгæй фылдæр. Цæуы сыл 12 азæй 14 азы онг. Турнир арæзт у командæты фембæлдтыты хуызы. Алы секцийæ дæр фæйнæ 5 адæймаджы тох кæнынц кубоктæ, Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ рамбулыныл. Ерыстæ сарæзтой Дзæуджыхъæуы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл, физкультурæ æмæ спорты комитет, стæй æхсæнад "Фыдыбæстæ". Дарддæр фæнд кæнынц турниры райрæзтыл бакусын æмæ йæ парахатдæр кæнын.