Цæгат Ирыстоны байгом æппæтадæмон фестиваль
Цæгат Ирыстоны байгом "Мир рисует счастье", зæгъгæ, æппæтадæмон фестиваль. Равдыстой дзы йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыимæ психологон æмæ физикон травмæтæ чи райста æмæ ныртæккæ закъоны раз дзуаппп чи дæтты, уыцы сывæллæтты нывтæ. Æдæппæтæй конкурсы архайдтой 5 мин сывæллонæй фылдæр Уæрæсейы 44 регионæй æмæ фæсарæнтæй. Раздæр ма ахæм равдыстытæ арæзт æрцыдысты Египет, Инди, Араббаг бæстæты. Абон ма уыд сæрмагонд æмбырд сывæллæттæ æмæ фæсивæды ног бынаты цæрынмæ фæцалх кæныны фæдыл. Мадзала разджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй дыккаг ахæм конкурс æппæт дунейы нæй.