200 æрыгон адæймаджы архайдзыстæ сæрдыгон æмбырд "ÆРЫГОН"-ы
Фæсивæды 200 минæварæй фылдæр бацархайдзысты сæрдыгон студентон æмбырд "ÆРЫГОН"-ы. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фæсивæд, æндæр рæтты чи ахуыр кæны, уыдон æрæмбырд уыдзысты Урсдоны. Студенттæ Владивосток, Сургут, Астрахань, Мæскуы, Санкт-Петербург, Белгород, Краснодар, Ростов æмæ Уæрæсейы иннæ горæттæй. Сæйраг нысан - фæсивæды сæ райгуырæн бæстæмæ æмхиц кæнын, амонын æмæ сын дзурын цы цаутæ дзы цæуы, уыдоны тыххæй, райрæзты проектты тыххæй, цæмæй зоной сæ чысыл фыдыбæстæйы сгуыхтдзинæдты тыххæй. Æппæтæй ахсджиагдæр та - базоной кæрæдзийы, цæмæйы сын уа басдзинад. Фæсивæдмæ æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг программæ: лекцитæ, тренингтæ, дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, Ирыстоны хæхты балцтæ.