Дауыраты Виталийы сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ арвыста æххуыс 11 милуан сомы аргъæн

Сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты нæ лæппуты фарсмæ балæууын æмæ сын баххуыс кæнын. 11 милуан сомы аргъæн гуманитарон æххуыс æрвиты Дауыраты Виталий. Нæлгоймаг æй æмбырд кодта 2 мæйы. Хæстонтæм бынатмæ ацыд 17 хатты æмæ сыздæхы ног номхыгъдимæ. Салдæттæ курынц æппæтты тынгдæр сæ цы хъæуы, уый. Абон фурæтæм бавгæдтой æртæ ног хæдтулгæйы, цалдæр мотоциклы, тепловизортæ, кæрдтæ, формæ, хырхтæ, болгаркæтæ, рацитæ. Æмæ, æнæмæнг, хæдзарон цæхджынтæ, мыд, ирон цыхт, къофи, сæкæр, тагъд цæттæгæнæн сихортæ, национ тырысаимæ худтæ, электродтæ, стыр канистртæ дон дарынæн. Сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты фæсивæд Дауыраты Виталийы хорз зонынц. Салдæттæн сси нымад хистæр, у сын стыр ныфс, алкæддæр сæ фарсмæ кæй балæудзæн, ууыл фæсивæд дызæрдыг нæ кæнынц. Алы балцы дæр нæлгоймаг базонгæ вæййы фылдæр хæстонтимæ. Бастдзинад ын вæййы дæлхайæдты командиртимæ. Абон уыцы уæз акодтой цалдæр дихы - курдиæттæм гæсгæ. Фыццаг æмæ дыккаг размæбырсæг ротæтæ , эвакуацион къорд агуырдтой квадроцикл, цæф æфсæддонты ласынмæ, бынатмæ сæм фæхæццæ уыдзæн дыууæ боны фæстæ. Рæстæгмæ хæдзары цы æфсæддонтæ вæййынц, уыдон дæр алкæддæр балæууынц сæ хæрзгæнæджы цур, баххуыс кæнынц уæз æрвитынмæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 344 подписчика
12+
29 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии