"Мамысон" скусдзæн афæдзы кæрон
Дыууæ рæтæн фæндæгтæй иуы дæллаг станцæ. Ныридæгæн бындур æвæрынц кабинæты бынæттæн. Фидар кæнынц цæджындзтæ. Дыууынæй фылдæр уыдзысты. Фыццаг рæтæн фæндаджы бацæудзæн 86 кабинæйы, иуы дзы бынат уыдзæн 8 адæймагæн. Сахатмæ дзы пайда кæндзысты 2 мин адæймаджы. Дыккаг рæтæн фæндаджы дæр къаддæр адæм нæ цæудзæн, ныридæгæн уый дæр аразынц. Уыцы иу рæстæг кусынц 8 объекты. Архайд дзы цæуы къæпхæнгай. Мæнæ ахæм хуызы ныртæккæ ис фидæны лæггæдты центр. Ам уыдзæн къахдзоныгътæ исæн пункттæ, базонæн дзы уыдзæн æппæт хъæугæ информаци. Чысыл дæлдæр та хæдтулгæтæ уромæн бынат 460 машинæйæн. Куыстытæ дзы кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Уадзынц дзы инженерон коммуникацитæ. Уæлдай æргом здахынц æдасдзинады домæнтæм. Сæрмагондæй дзы фидар кæнынц дур æмæ митын зæйтæй хъахъхъæнæн фидæрттæ. Ам фæзындзæн кæнгæ мит уадзæн объект дæр. Сæрмагонд хæдтулгæтæн лæууæн бынæттæ. Куыстытæ дзы цæуынц æнæ æрлæуугæйæ æмæ дывæр фæткмæ гæсгæ. Хынцынц боныхъæды уавæртæ æмæ мæры хицæндзинæдтæ. Уæлдай æргом здахынц культурон бынтæ бахъахъхъæнынмæ. Арæзтадон куыстытæй уæлдай ма ам цæуынц архиологон къæхтытæ. Цы дзауматæ ссарынц уыдон иртасынц специалисттæ. Алы хай дæр у нымад æмæ хъахъхъæд. "Мамысон"-ы комплекс рæстæмбис нымадмæ гæсгæ цæттæ у 50% онг. Арæзтадон фæзы куыд зæгъынц, афтæмæй афæдзы кæронмæ курорт суазæг кæндзæн фыццаг туристты.