Дзæуджыхъæуы райдыдтой амброзийы ныхмæ тох кæнын

Тæссаг аллерген. Дзæуджыхъæуы æнтыстджынæй тох кæнынц амброзиимæ. Ацы аз зианхæссæг кæрдæг раздæр райдыдтой кæрдын, уый цæмæй дидинæг ма ракалы. Уымæн æмæ йæ дидинæджы цы буаргъдтæ ис, уыдон бахауынц адæймаджы улæфæн системæмæ æмæ йæм афтæмæй райдайы аллергийæ. Зианхæссæг кæрдæгимæ тох кæныны хъуыддаджы архайынц рæстмæ æхсæнадон куыстытæ кæныны тæрхон кæмæн рахастой, уыдон дæр. Сæрмагонд техникæ Терчыфалейы районы префектурæйæн радтой "Спецэкосервис"-ы специалисттæ. Алергийы симптомтæ - адæймагæн фæкæлы йæ цæссыг, йæ бон улæфын нæ вæййы, йæ цæстытæ ныссырх вæййынц, фæхуыфы æмæ афтæ дарддæр. Иу зайæгойæн вæййы мыггаджы 40 мин гагайы бæрц. Амбрози тынг тагъд парахат кæны. Цы ран фæзайы, уым æндæр кæрдæгæн бынат нал баззайы. Амброзийæн йæ дидинæг калыны рæстæг вæййы августы астæуæй сентябрьмæ. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй райсомæй нæ хъæуы уынгмæ цæуын, даргъдыс уæлæдарæс дарын, æнæмæнг худ æмæ маскæ. Бон цалдæр хатты фæхъæуы æрыхсын цæстытæ æмæ фындз.

Иконка канала IRYSTONTV
1 366 подписчиков
12+
5 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии