Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд аппаратон æмбырд
Бархионты отряд "Штом. Осетия"-йы бындурыл фæзындзæн Советон цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр Плиты Иссæйы номыл полкъ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло. Ахæм фæндон рахастой не 'мзæххонтæй æндæр регионтæй чи ацæуы сæрмагонд æфсæддон службæмæ æмæ Цæгатирыстойнаг хайæдтæм раивын кæй бафæнды, уыдон. Æдæппæтæй ахæм æфсæддонты нымæц у 800 адæймаджы бæрц. Нæ отрядты нымæц бирæ кæй у, уымæ гæсгæ ног æфсæддонты исыны фадат нал ис. Уымæ гæсгæ, полкъ саразыны хъуыдыйы фарс рахæцыдысты бæстæйы гæрзифтонг тыхты генералон службæйы. Æмбырды ма ныхас цыд фестиваль «Вахтангов. Путь домой»-йыл дæр. Цæудзæн 13-æй 19-æм июльмæ. Сæргълæууæг бабар кодта, цæмæй концертмæ æрбацæуын кæй фæнды, уыдонæн бадгæ бынæттæ арæзт æрцæуа. Фæкъаддæр кæнын VIP-зонæтæ. Ноджы ма иу бардзырд — республикæйы æппæт фыццагкъласонтæн бацæттæ кæнын лæвæрттæ. Куыст ныридæгæн райдыдтой.