Сергей Меняйло фембæлд журналисттимæ
Пресс-конференцийы агъоммæ Сергей Меняйло загъта кæй у цæттæ æппæт фæрстытæн дæр дзуæппытæ раттынмæ. Æмæ æцæгæй дæр журналисттимæ ныхас рауад æргом æмæ бæстон. Адæмы фыццаджыдæр тыхсынц Доны станцæйы рацарæзтыл. Цæрджытæ тæрсынц фысымуæтты комплекс дзы куы фæзына, æмæ дзы цы бæлæстæ зайы, уыдон куы акалой, уымæй. Сæргълæууæг фæнысан кодта, проект инвестицион кæй у, фæлæ æхсæнадон фæзуат хъыгдæрд не 'рцæудзæн. Проектмæ æппæт къæпхæнтыл дæр кæсдзысты хицауады уæнгтæ. Сæргълæууæгмæ фæрстытæ æрбарвыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатæй дæр. Не 'мкусæг, æфсæддон уацхæссæг Александр Валькевич видеобастдзинады руаджы сæргълæууæгмæ радта фарст - Плиты Иссæйы номыл полк батальон "Шторм. Осетия"-йы бындурыл арæзт кæй æруæдзæн, уый тыххæй. Сергей Меняйло фехъусын кодта, ныртæккæ кæй цæттæ кæнынц йæ ифтонг кæныны пълан. Æфсæддонтæн тренировкæтæ уыдзæн Тарскæйы полигоны сæргълæууæджы цæстдардимæ. Ныхас ма цыд зæххы хæйттæ закъонадон бындурыл лæвæрд цæуынц æви нæ, уый. Сергей Меняйло загъта, æнæзакъон бæстыхæйттæ куыд хъуыды кодтой, уымæй бирæ фылдæр разындысты. 800 курдиаты лæвæрд æрцыд тæрхондæттæм. Уыдоны тыххæй хатдзæгтæ фехъусын кæндзысты цæрджытæн. Егъау æркастытæ цæуынц ныртæккæ Цъæйы æмæ Ларсы. Сæргълæууæг фæнысан кодта, алы фарстамæ дæр кæсынц хицæнæй. Ныртæккæ иртасынц Уæллаг Ларсы зæххы хайы уавæр. Стыр æргом пресс-конфенренции аздæхтой регионы егъау объектты арæзтадмæ. Фæрстытæй иу - Майрæмададжы фармацевтон завод. Ныртæккæ дзы куыстыты цыд баурæдтой. Сæргълæууæг фæнысан кодта, проект кæй æрлæууыд бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ. Республикæйы цæрджыты ма тыхсын кæны регионы æдасдзинады уавæр. Æрæджы Мæздæджы аэродромы цы цау æрцыд, уый цæрджыты тынг фæтæрсын кодта. Сæргълæууæг зæрдæ бавæрдта, æнæпилотон аппаратты ныхмæ æппæт амынддзинæдтæ дæр æххæстгонд кæй цæуынц. Цæгат Ирыстоны сарæзтой оперативон штаб. Ногиры хиды арæзтад дæр у ахсджиаг фарстатæй иу. Афæдзы размæ донивылды аххосæй ныппырх ис. Сергей Меняйло радзырдта, куыстытæ цырдæй æххæстгонд цыдысты. Фæлæ къуылымпыдзинæдтæ фæзынд, фæрæзтæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй. Бахъæудзæн ма 200 милуан сомы. Ацы бонты фæрæзтæ республикæйæн рахай кæндзысты федералон бюджетæй. Сæргълæууæг ма фæнысан кодта æхсæнадон транспортимæ баст фарстатæ. Республикæйы кæй нæ фаг кæны 70 автобусы. Уыдон сабыргай æлхæндзысты, федералон бюджеты æххуысæй. Пресс-конференцийы рæстæг Сергей Меняйломæ радтой дæсгай фæрстытæ. Се 'ппæтмæ дæр сæргълæууæг æркæсдзæн æмæ сæ аиуварс кæнын бабар кæндзæн.