Астæуыккаг профессионалон ахуыргæнæдæтты бындурон цалцæгæн рахай кæндзысты 6 милуан сомы

Астæуыккаг профессионалон ахуыргæнæдæтты бындурон цалцæгæн рахай кæндзысты 6 милуан сомы. Уый тыххæй хицауады æмбырды фехъусын кодта арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Бæззаты Дмитрий. Ныхас ма цыд инвалид-сывæллæтты сæ хæдзæртты ахуыр кæныныл дæр. Се 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм сывæллæттæ республикæйы ис 91 æмæ ахуыр кæнынц дистанцион хуызы. Хицауады уæнгтæ ма рахæцыдысты сæрмагонд закъоны проекты фарс. ныхас цæуы иумæйаг нымæцон платформæйы бындурыл адæймагæн цы социалон фиддонтæ, æххуысы гæнæнтæ æмбæлы, уыдоны тыххæй бæлвырд информаци равæрын. "Хъæуты фæзуæтты комплексон" райрæзты паддзахадон программæйы фæлгæты та Змейкæйы сараздзысты культурæйы хæдзар æмæ 360 бынатæн скъола. проектон-хыгъдон гæххæттытæ саразынæн хъæуы 8 милуан сомы культурæйы хæдзарæн, æмæ скъолайæн та 9 милуан сомы, фехъусын кодта хъæууон-хæдзарады министр Къусраты Алан. {СНХ}

Иконка канала IRYSTONTV
1 344 подписчика
12+
37 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии