Сергей Меняйлойы разамындæй уыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд

28 трамвайæ линимæ рацæуынц æрмæст 14. Шофыртæ нæ фаг кæны. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды радзырдта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Йæ ныхæстæм гæсгæ уавæры аххосаг у чысыл мызд. Специалисттæ исынц 35 минæй 50 мин сомы онг. Фæнды сæ, цæмæй сæ мызд уа 70 минæй уæлдæр. Ныхас ма цыд уавæр бæрæггæнæг центрыл дæр. Сергей Меняйло бабар кодта, цæмæй хызæгты кусой æнæрлæугæйæ. Уæлдайдæр та сæрдыгон рæстæг. Цæрджыты æнæ донæй уадзæн нæй. Республикæйы цæттæ кæнынц 1-æм сентябрьмæ дæр. Дзуапдæттæг министр Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны скъолатæм фæхæццæ кодтой чингуытæ. Хицæнæй æрлæууыдысты Беслæны Окружная уынджы парчы арæзтадыл. Уымæн рахай кодтой 390 милуан сомы, хъæуы ма йын 74. Сергей Меняйло бауынаффæ кодта, цæмæй сæ бахæссой иннæ азы хæрдзты хыгъдмæ. Æрдзырдтой ма зæххы хæйттæ дæттыны фарстайыл закъонадон бындурыл. Прокуратурæ кæны егъау æркастытæ Цъæйы, Уыналы æмæ Ларсы. Сæ хатдзæгты тыххæй республикæйы сæргълæууæг радзурдзæн пресс-конференцийы. Сергей Меняйло ма фæнысан кодта иу аиуварсгæнианг фарста - глэмпингты арæзтад.

Иконка канала IRYSTONTV
1 360 подписчиков
12+
15 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии