Цæгат Ирыстоны скъолаты бындурыл кусынц сæрдыгон легерьтæ
Цымыдисæй æмæ пайдаимæ сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг æрвитæн кæй ис, уый фидарæй зонынц физикон-математикон лицейы ахуыргæнинæгтæ. Скъолайы лагеры алы сывæллон дæр ссардзæн зæрдæмæдзæугæ архайд. Ам райдиан кълæсты ахуыргæнинæгтæ æнтыстджынæй кусынц зын программæимæ. Бирæтæ сæ ацы къабазы сæхи фæлварынц сабийæ фæстæмæ. Лицей-интернаты ахуырдзаутæн сæрдыгон скъола æрвылаз байгом кæнынц. Сывæллæттæ архайынц дыууæ здæхтмæ гæсгæ — олимпиадон математикæ æмæ физикæ. Уроктæ амонынц скъолатæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты педагогтæ. Ацы аз та ма уыцы куысты архайынц лицейы рауагъдонтæ дæр. Фидæны фæнд кæнынц Æппæтуæрæсеон æркастыты архайын. Архуырадон хайæ уæлдай сывæллæттæн рæстæг вæййы ифхæрсæн программæйæн дæр. Сæрдыгон скъолатæ кусынц æппæт республикæйы дæр. Алыхуызон программæтимæ, бацæттæ сæ кæнынц сывæллæтты фылдæр цы цымыдис кæны, уымæ гæсгæ. Æрвылбон алыхуызон секциты сæ зонындзинæдтæ парахат кæнынц 200 сывæллоны. Нывкæнынады, æрмдæсныйады æмæ æндæр здæхтыты. Спортивон секцитæ, шахмæттæ, скъолайы театр. Разамынд уæлдай æргом здахы историмæ. Эрудиты сарæзтой сывæллæттæ æгъдæуттæ æмæ культурæ кæм ахуыр кæнынц ахæм къордтæ. Хъуыддаг æнтыстджын рауад. Ахуыртæ æрмæст скъолайы нæ вæййынц, æппынæдзух скъоладзаутæн аразынц цымыдисаг экскурситæ. Педагогтæ куыд дзурынц, афтæмæй лагеры сывæллæттæ исынц æрмæст æхсызгон æнкъарæнтæ. Лагерь у профилон. Кусы Æппæтуæрæсеон проект "Орлята России"-мæ гæсгæ. Ис дзы 9 здæхты. Экологи, спорт, нывкæнынад, бæстæзонынад æмæ æндæртæ. Республикæйы лагерьтæ кусдзысты сæрды кæронмæ. Разæй фæсивæдмæ æнхъæлмæ кæсы хъæздыг программæ. Ног ахуырадон азмæ, æнæмæнг, райсдзысты ног тыхтæ.