Къостайы проспекты бирæфатерон хæдзæрттæй иуы ныккæнды тæдзынц хæтæлтæ

Ныккæндæй уынæр хъуысы хæдзары алфамблай. Ныр 2 мæйы дæргъы тыхсын кæны Къостайы проспекты 278-æм хæдзары цæрджыты. Уый та у доны хæтæлы аххос. Æмæ æппынæдзух уынæр уый иу, фæлæ ма хæл-хæлæй кæлы дон. Пъланмæ гæсгæ дон кæй ахуыссын кодтой, уый чысыл сахадыта уавæрыл хорзæрдæм. Цæрджытæ сæ хъаст бирæ хатт бахастой алы бæрнадтæм - уыдонимæ хæдзарæн разамынддæттæг компанимæ дæр. Ныр бирæфатерон хæдзар ис уый бæрны. Æмæ уавæр кæд аивта, уæддæр цæрджытæ ахæм ивддзинæдтæй разы не сты. Дыууæ къуырийы размæ 278-æм хæдзар бакодтой æндæр разамынддæттæг компанийы бæрны. Уым цæрджыты лыггæнинаг фарстайы тыххæй зонынц. Æмæ сын зæрдæ бавæрдтой йæ аиуварс кæнынæй. Ныридæгæн хъæугæ æрмæг æрбаластой. Дон цы хæтæлæй тæдзы, уый баивынæн бахъæудзæн дыууæ боны, зæгъынц специалисттæ. Разамындæттæг компанимæ ис æппæт хъæугæ æрмæг. Æдæппæтæй хæдзары ис 224 фатеры. Фæлæ цæрджытæ нæ фидынц техникон лæггæдтæн. Æнæ уымæй инженерон системæмæ зилын зын у.

Иконка канала IRYSTONTV
1 352 подписчика
12+
9 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии