Лескены арвы бын æрбынат кодта цымидисаг

Мæнæ ахæм куыройы 'руаджы нæ хистæртæ кодтой нартхоры ссад. Йæ фарсмæ та хъæдын уæрдон æмæ рагон дзауматæ. Раст цыма адæймаджы на рагзамæнтæм ахæссынц, афтæ. Алы æнусты æмæ азты адæм кæмæй пайда кодтой, историйы æвдисæнтимæ æрбацæуджыты базонгæ кæны Бетрозты Аслæнбег. Æмбал кæмæн нæй, уыцы музей арвы бын æрбынат кодта Лескены. Алкæддæр дзы вæййы бирæ уазджытæ. Аслæнбег æмбырд кæны цæрджытæ хъуыды дæр кæй нал кæнынц, фæлæ сæ рæстæджы та æнцондзинад цы мигæнæнтæ хостой, уыдон, ис ма дзы Фыдыбæстæйы Стыр хæстимæ баст экспонаттæ дæр. Бетрозы-фырты коллекцийы ис мин уникалон дзаумайæ фылдæр. Нæлгоймаг сæ æмбырд кæнын райдыдта студент уæвгæйæ. Уæд фæсахуыр куыста гæсæй æмæ ссардта "Ленин в Октябре", зæгъгæ ныв. Фидæны уый сси музейы фыццаг экспонат. Дзаумæтты кæцыдæр хай Аслæнбег йæхæдæг ссардта, бирæ предметтæ йын æрбахастой йæ сыхæгтæ æмæ Лескены цæрджытæ. Афтæмæй экспонаттæ уый бæрц баисты æмæ хæдзары ныккæнды нал цыдысты. Уæд нæлгоймагмæ æрцыд хъуыды гом арвы бын музей саразын. Аслæнбег куыд радзырдта, афтæмæй йæ арæх бабæрæг кæнынц туристтæ, цымыдисаг сæм фæкæсы, экспонатты тыххæй фæдæттынц сæ фæрстытæ. Аслæнбег уазджытыл зæрдиагæй бацин кæны. Рагон дзауматæ Бетрозты Аслæнбег æмбырд кæны йæ царды фылдæр хай. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ ахæм хуызы фæнды нæ фыдæлты истори бахъахъхъæнын, кæстæр фæлтæры ацы хæзнатимæ базонгæ кæнын. Æцæг патриот, алкæддæр цæттæ у йæ Фыдыбæстæйы фарсмæ æрбалæууын. Лескены цæрджытимæ иумæ æмбырд кæны гуманитарон æххуыс нæ æфсæддонтæн. Йæхæдæг æй фæхæццæ кæны Сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ. Æрæджы йæ радон балцы рæстæг фæци уæззау цæф. Бетрозты Аслæнбегæн рæстæг алцæй фаг дæр кæны. Музейæ уæлдай ма йæм ис стыр хæдзарад. Суанг ма дзы страустæ дæр дары. Сарæзта сын æппæт уавæртæ дæр. Бетрозы-фырт дарддæр дæр парахат кæндзæн йæ коллекци. Хæдзары йын æппæт дзауматæ нæ цæуынц, уымæ гæсгæ нæлгоймаг фæнд кæны ног бынаты дыккаг музей саразын. Адæмы цæмæй сцымыдис кæндзæн, уый раргом кæныныл не сразы, фæлæ йæм æгас бæстæйæ уазджытæ кæй цæудзысты, уый хъæддыхæй зоны.

Иконка канала IRYSTONTV
1 357 подписчиков
12+
12 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии