Фарныхъæуы сбæрæг кодтой Чъириаг æхсæн

Фарныхъæуы бон раздæр уыд стыр бæрæгбон - Чъириаг æхсæн. Бирæтæм йæ ном цымыдисаг фæкæсдзæн. Фæлæ йын ис стыр мидис æмæ рагон истори. Фæбæрæг æй кæнынц Уациллайæ къуыри раздæр.  Афтæ рæсугъд арфæтæ æмæ мидбылхудгæйæ кæрæдзиуыл æмбæлынц Фарныхъæуы цæрджытæ. Уациллайы стыр бæрæгбонæй къуыри раздæр сæм вæййы Чъириаг æхсæн. Хонынц ма йæ сывæллæтты æмæ сылгоймæгты бæрæгбон. Ис ын йæхи рагон истори. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ æрбахæсынц сæ кувинæгтæ - чъиритæ, бæгæны. Фарныхъæуккаг хæрæфырттæ æмæ ардыгæй рацæуæг адæм дæр бæрæгбонмæ æрбамбæлынц. Фарныхъæуы алы уынгæн дæр ис йæхи кувæндон. Æмæ уым алы сых дæр скæнынц сæ бæрæгбон. Кувгæ та фæкæнынц фыццаджыдæр сывæллæтты тыххæй, сылгоймæгтæй сæ амонд чи нæма ссардта, стæй зæнæг кæмæн нæма ис, уыдонæн Хуыцауæй хорздзинæдтæ фæкурынц, Ирыстоны зæххы сабырдзинад куыд уа æмæ фæсивæд фыдбылызæй хызт куыд уой. Хъæуы цæрджытæ дыууæ къуырийы дæргъы фæдарынц ком. Цы не 'мбæлы ирон æгъдаумæ гæсгæ, уыцы хæринæгтæ нæ фæхæрынц. Кувæндонмæ цæуынц ног дарæсы æмæ сыгъдæг хъуыдытимæ. Сыхы мидæг та алы аз дæр вæййы фысым. Иу хæдзарæй йæ иннæмæ уыцы бар фæдæттынц. Зæгъæм, ацы хатт у Биджелты Арсены хæдзар. Уыдон, куыд бæрæгбоны фысымтæ, афтæ базылдысты кæвæндонмæ, мысайнæгтæ æрæмбырд кодтой, кусæрттаг æмæ бæгæны æрцæттæ кодтой. Ацы аз Ленины номыл сыхы ис æртæ кусарты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сыхы ноггуырдтæ кæй ис. Сых бзджындæр куыд кæна, уый фæкурынц хуыцауæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 366 подписчиков
12+
190 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии