Терчы былгæрон сцалцæг кæндзысты скульптурон композици «Дед и внук»
Терчы былгæрон «Дед и внук» скульптурон композицимæ бæстонæй базилдзысты. Цалцæг цæудзæн аивгæнæн куыстыты фæлгæты. Æртæ хайæ арæзт скульптурæйы автор у Ирыстоны зындгонд скульптор Дзбойты Михал. Автор æмбарын кæны, йæ фыццаг композицийы равдыста зæронд лæджы, йæ хъæбулы хъæбулæн хъæдæй кæны авдæн. Дыккаг скульптурæйы æвдыст цæуы зæронд лæг йæ хъæбулы хъæбулæн Нарты Кадджытæ кæсгæйæ. Æртыккаг композицийы сюжет та у - зæронд лæг æмæ йæ хъæбулы хъæбул сæ тыхтæ ерысы барынц. Фыццаг дыууæ хайы макетты хуызы сты музейы. Æртыккаг та 1987-æм азæй нырмæ у Хетæгкаты Къостайы номыл парчы фидауц. Ныртæккæ скульптурæ ис йæ автор Дзбойты Михалы æрмадзы. Уый йæм хъуамæ æркаса æмæ сбæлвырд кæна, цы куыст бакæнын хъæуы, уый. Базилдзысты ма композицийы бындурмæ дæр. Æппæт куыстытæ куы саразой, уæд скульптурæ фæстæмæ сæвæрдзысты парчы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Терчы былгæрон цалцæггæнæн куыстытæ, Цæнгæт хиды цур æххæстгонд цæуынц «Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны» национ проекты федералон программæйы фæлгæты.