Национ проектмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны аразынц тъуннел
Рæстæгмæ аркæ аразынц мæнæ ахæм егъау плитатæй. Сæ асбæрц дисы 'фтауы, æрмæст аразджыты нæ. Уыдонæн сæ куысты сты хуымæтæг æрмæджытæ. Бæрнон хæс æвæрд сыл кæй ис, уый хорз æмбарынц. Ныхас цæуы адæмы æдасдзинадыл. Дыгургомы тъуннелы рацарæзт райдыдта январы. Фыццаджыдæр къæдзæхтыл сæвæрдтой згъæрæй конд хызтæ. Уыдон кусджыты æмæ фæндаг хъахъхъæнынц хохæй цы дурзæйтæ рацæуы, уыдонæй. Тъуннелы бæрзæнд уыдзæн 6 метры. Æнæкъуылымпыйæ дзы цæудзысты куыд уæзласæн хæдтулгæтæ, афтæ автобустæ дæр. Специалисттæ æппæт куыстытæ фæуындвæнд кæнынц афоныл. Къæдзæхтæ лыг кæнынц сæрмагонд кусæнгæрзтæй. Уæлхохæй сæ хицæн кæнынц срæмыгъды 'руаджы. Куыстытæ æнцон не сты. Домынц бирæ хъару æмæ рæстæг. Уымæ гæсгæ бригадтæ архайынц фæлтæргай. Объекты алкæддæр вæййы дыууæ къорды. Райсомы 8 сахатæй изæры 8 сахатмæ. Цæгатаг порталы 42 метры дæргъæн фидаргæнæн къул ныридæгæн цæттæ у. Хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты æддаг бакаст аив кæнын. Ныртæккæ Хуссарварс къахынц дзыхъ. Дзаг уыдзæн донæй зынгсирвæзты рæстæг куы бахъæуа, уымæн. Куыстытæ æххæстгæнæг объект раттынвæнд кæны афæдзы кæронмæ. Тъуннел дзуапп дæтдзæн æппæт нырыккон домæнтæн. Дыгургомы фæндагмæ куы базылдысты, уæд комы туристты нымæц фæфылдæр. Гæнæн ис, æмæ рацарæзты фæстæ ацы бынæтты дæр уазджытæн цымыдисаг уыдзысты. Уымæн æмæ раздæр ацы уаццагыл транспорты хуызтæ иууылдæр нæ цыдысты. Цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæнынц "Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ" нацпроектмæ гæсгæ.