Раздзоджы цæрджытæ тыхсынц доны уавæрæй
Сæрды æнтæф бонты донæй цух æййафын уæлдай зындæр вæййы. Уый ныр цалдæр азы Раздзоджы цæрджытæ хорз зонынц. Хæдзары куыстытæ бакæнынмæ, хæрианг скæнынмæ сæ дон сæмбырд кæнын бахъæуы. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй донимæ къуылымпыдзинæдтæ сæхиуыл уæлдай тынгдæр сæрды фенкъарынц. Адæм куыд сæ бон у, афтæ сæ уавæр рогдæр кæнынц. Ууыл рагæй ахуыр сты. Хорз æмæ къæвдайы рæстæг мигæнæнтæм дон æрæмбырд вæййы. Уый фæрцы цæрджытæ сæ тыхстытæ саразынц. Владимир Горошенко йæ цæхæрадоны куыстытæ афтæмæй бакæны. Хусрæстæгæй ахæм хуызы зайæгойты ирвæзын кæны. Ныридæгæн ахуыр у дон фæстауæрц кæныныл. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æлхъывдад чысыл у. Дон сæм уый тыххæй нæй. Гусаты æфсымæрты уынг хъæуы уæлæуæз æрбынат кодта. Раздзоджы хъæуы системæ рацаразын, раиртасын аххосæгтæ. Адæм дзуапдæттæг ведомствотæм хъаст кæнынц, фæлæ сын дзуапп дæттæг нæй. Раздзоджы хъæуы сæргълæууæг Гусаты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй ацы фарстайы фæдыл фæсидт Рахизфарсы районы администрацимæ. Уым зæрдæ бавæрдтой фарста аиуварс кæнынæй. Ныридæгæн додзæуæн хызæгтæ рацаразыны фæдыл проектон-хыгъдон гæххæттытæ дæр бацæттæ кодтой. Афтæмæй, цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц дон сæм кæй фæзындзæн, уымæ. Мах дæр уавæрмæ нæ цæст дарæм. Донарæхæй – дон нæй!