Джусойты Русланæн уыд пресс-конференци

Фарон фæсивæдон программæтæ æмæ проекттæ сæххæст кæнынæн бантыст субсиди райсын - сæдæ милуан сомы. Фæрæзты иу хайæ сцалцæг кодтой Фæсивæды галуан, сифтонг æй кодтой хъæугæ кусæнгæрзтæй. Фæрзты иннæ хай схардз кодтой форумтæ æмæ егъау мадзæлттæ аразыныл. Уый тыххæй пресс-конференцийы фехъусын кодта дзуапдæттæг комитеты сæрдар Джусойты Руслан. 2023-æм азы Мæскуымæ арвыстой 100 адæймаджы онг. Уыдон сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ, æххуысцух бинонты сабитæ. Федтой сæйраг горæты аив бынæттæ, бабæрæг кодтой форум-равдыст "Уæрæсе". Джусойты Русланы ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстон ис дыккаг бынаты бæстæйы æрыгон æфсæддонты нымæцмæ гæсгæ. Республикæйы сты 20 мины. Ныхас цыд фидæнмæ нысæнттыл дæр. Ныртæккæ архайынц национ проектыл. Йæ сæйраг нысан уыдзæн фæсивæдон кусæндæтты инфраструктурæ фæхуыздæр кæнын. Бындурон цалцæгæй уæлдай ма фæрæзтæ рахай кæдзысты ног бæстыхæйтты арæзтадæн дæр. Уæлахизы боны агъоммæ та комитет стыр куыст кæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты цыртдзæвæнтæм зилыны хъуыддаджы. Уыимæ ма бæрæгбонмæ бархионтæ цæттæ кæнынц ветеранты хæдзæртты цур концерттæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 373 подписчика
12+
24 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии