Урсдоны цæрæг Гергиты Ибрагим йæ хæдзары сарæзта ирон рагон дзауматы музей
Ацы дурæй нæ фыдæлтæ пайда кодтой Уæлладжыры комы, Ходы. У рагон дзаумæ. Ам алы экспонатæн дæр ис йæхи цымыдисаг истори. Гергиты Ибрагим сæ æмбырд кæны иугай. Кæм ын йæ сыхæгтæ æмæ зонгæтæ исты рагон дзаума балæвар кæнынц, кæнæ та сæ йæхæдæг ссары. Ныртæккæ экспонатты нымæц у сæдæйы бæрц. Ис дзы хæдзары дзауматæ - пирæн æмæ 'лвисæн, хъуылыг цæгъдæн гарзы цалдæр хуызы, зынгтæй тæвдгæнæн итутæ, дурынтæ æмæ гогонтæ, цæфхæдтæ, саргътæ æмæ ма суанг хъæдæй конд скульптурæтæ дæр. Зындгонд скульптор Едзиты Сослæнбеджы куыст конд уыд 30-æм азты. Цæуы йыл æнусмæ ввахс. Ибрагим æй фæнд кæны республикæйы Национ музейæн балæвар кæнын. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ фæнды, цæмæй йæ фылдæр адæм уыной. Экспонаттæм Ибрагим базилы, ныссыгъдæг сæ кæны, цæмæй сæ рагон хуыз ма фесафой. Ацы музей Гергиты Ибрагим сарæзта йæ хæдзары. Экпонаттæ æмбырд кæны ныр 5 азы дæргъы. Ахæм хуызы йæ фæнды кæстæртæн рагон ирон адæмы царды уаг æвдисын, цæмæй йæ зоной сæ фыдæлтæ куыд цардысты, цавæр дзауматæй пайда кодтой. Æмæ йæ, æнæмæнг хæццæ кæной дарддæры фæлтæртæм. Хъæуы цæрджытæ, арæхдæр та сабитæ музеймæ цымыдисæй æрбацæуынц. Йæ уазджыты 'хсæн ма вæййынц республикæйы æндæр районты цæрджытæ дæр. Ам сын Ибрагим саразы экскурси, фæдзуры рагон дзауматы истори, куыд дзы пайда кодтой нæ фыдæлтæ, уый сын бацамоны. Йæхи кæстæрты дæр разæнгард æмæ æмхиц кæны ацы архайдмæ. Фæнды йæ, цæмæй йын йæ хъуыддаг дарддæр хæццæ кæной. Экпонаттæ Гергиты Ибрагим æмбырд кæндзæн дарддæр дæр. Фæнды йæ, цæмæй йæ музейы фæзына рагон ирон уæлæдарæс дæр - цухъатæ, разгом къабатæ. Уыимæ ма йæ фæнды йæ музейы фæзуат фæпарахатдæр кæнын.