Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ фембæлд журналисттимæ

Ахуыры азы хатдзæгтæ æмæ фидæны афæдзмæ пълæнттыл ныхас цыд дзуапдæттæг министр Алыбегты Эллæимæ. Пресс-конференцийы рæстæг дзырдтой алыхуызон темæтыл. Журналистты базонын фæндыд къабазы ахсджиагдæр фарстатæ. Зæгъæм, ахуырады хæрзхъæддзинад æмæ кадртæ. Ацы аз системæмæ райстой 186 педагогы, дæсæй дзы дарддæр кусыныл нал сразы сты. Алебегты Эллæ куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ ахуыргæнджытимæ кусынц, иртасынц сæ бынæттæ цæмæ ныууагътой, уый аххосæгтæ. Ацы аз Педагогон колледжы уыдзæн 295 бюджетон бынаты. Фембæлды ма ныхас цыд хъæутæй ног скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæ арæзт кæм цæуы, уыдоныл. Министр куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæстаг рæстæг сывæллæттæ арæхдæр равзарынц техникон здæхтытæ æмæ уый æхсызгон у. Ныхас ма цыд се 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæлæттæн арæзт гæнæнтыл. Республикæйы сын байгом кодтой 13 ресурсон къласы. Кусынц коррекцион кусæндæттæ дæр. Фæлæ, хъыгагæн, фæлтæрдджын специалисттæ фаг нæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 351 подписчик
12+
53 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии