2025-æм азы саив кæндзысты 35 æхсæнадон бынаты

Фидæны аз саив кæндзысты 35 æхсæнадон бынаты. Уыдон сты "Горæты æнцонвадат уавæртæ аразын"-ы паддзахадон программæйы нацпроект «Жилье и городская среда»-йы фæлгæты æгас Уæрæсейы цы æхсæнадон бынæттыл хъæлæс кодтой, уыдон. Республикæйы æвзæрстыты æхсызгонæй бацархайдтой. Æмткæй базилинаг бынæттæ фæнысан кæныны мадзалы архайдтой 80 мин адæймаджы. Афтæмæй, 61 æхсæнандон бынатæй сног кæндзысты 32. Аивгæнæн куыстытæ райдайдзысты фидæны аз. Дзуапп дæтдзысты нырыккон домæнтæн. 3 объекты та ма ацы азæй ахæсдзысты 2025-æм азмæ. Æвзæрстыты хатдзæгтæм гæсгæ, фæйнæ дыууæ æхсæнадон бынаты сцалцæг кæндзысты Алагиры, Æрыдоны, Кировы æмæ Мæздæджы районты. Фæйнæ иу объекты саив кæндзысты Дыгуры, Æрæфы æмæ Рахизфарсы районты. Æртæ фæлладуадзæн зонæйы Горæтгæрон районы æмæ 18 та Дзæуджыхъæуы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 370 подписчиков
12+
16 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии