Сергей Меняйлойы разамандæй ацыд аппаратон æмбырд
Цæгат Ирыстоны хъармгæнæн сезон кæронмæ æрхæццæ уыдзæн абон. Боныхъæд кæй фæхуыздæр, уымæ гæсгæ, ахæм уынаффæ рахастой аппаратон æмбырды. Сергей Меняйло бабар кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæнæн, цæмæй бирæфатерон хæдзæрттæ тагъддæр цалцæг кæнын райдайой. Ныхас цыд зæххыты фарстайыл дæр. Сæргълæууæг фæнысан кодта, зæххытæ закъоны бындурыл лæвæрд цæуынц æви нæ, уый дарддæр дæр иртасдзысты. Дзуапдæттæг ведомствойы майрæмбонмæ хъæуы бæстон раныхас бацæттæ кæнын алы объекты тыххæй дæр. Сергей Меняйло фæсидт районты сæргълæуджытæм, цæмæй закъонмæ гæсгæ цæттæ уой дзуапп дæттынмæ. Фæткхæлдтытæ бæрæггонд куы æрцæуа, уæд суæгъд кæндзысты сæ куысты бынæттæ. Ныхас ма цыд сывæллæтты сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанийы тыххæй. Сæргълæууæг бабар кодта, уæлдай æргом аздахын хъыгдæрд æнæниздзинадимæ сывæллæттæм, уыимæ æххуысцух бинонтæй сабитæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæтæм, Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæ æмæ Белгороды облæстæй æнахъомтæм.