Æхснырсæджы ныхмæ хосты хыгъдæй Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад айста антибиотиктæ

Æхснырсæг - æппæтæй арæхдæр чи æмбæлы, ахæм инфекци. Йæ симтомтæ сты - æхгæд улæфæнтæ, бæрзонд температурæ, хъуыры рыст. Фыццаг симптомты фæзындимæ хъæуы дохтырмæ æххуысмæ бацæуын. Фæлæ арæхдæр адæм сæхæдæг райдайынц дзæбæхгæнæн мадзæлттæ кæнын. Вæййы ахæм рынчынтæ, æмæ сæхи хъæппæрисæй антибиотиктæ нуазын райдыйынц. Уалдзæджы Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад сног кодта æхснырсæг дзæбæх кæныны мадзæлтты стандарт. Хъæугæ хосты номхыгъды нæй антибиотиктæ. Æхснырсæгæй рынчын адæймагæн ницы пайда сты, зæгъынц дохтыртæ. Уыимæ ма гæнæн ис, æмæ зиан дæр æрхæссой адæймагæн, уымæн æмæ сфæразон вæййы микроорганизмтæм. Микроорганизмты ныхмæ тох кæныны миниуджытæ сбæрæг кæнынц сæрмагонд иртæстыты руаджы. 4-æм поликлиникæйы кусы бактериологон лаборатори. Сифтонг æй кодтой нырыккон кусæнгææрзтæй. Иртæстытæн бахъæуы 4 боны онг, кæд æмæ сæ иу раздæр та сцæттæ сты 10-12 боны мгъуыдмæ. Уый зынгæ фæнцондæр кодта архайд æмæ дохтыртæ раздæр райдайынц дзæбæхгæнæн мадзæлттæ. Ахсджиаг уый у æмæ æрмæст дохтыры бон у антибиотик рафыссын пациентæн. Æнæ ахæм сæрмагонд амынддзинадæй хостæ балхæнæн нæй. Адæймагæн антибиотиктæ саразын кæй бантыст, уый нымад 20-æм æнусы ахсджиагдæр цаутæй иуыл. Се 'руаджы къухы бафтыд милуангай адæмы цард бахъахъхъæнын. Абон ис антибиотикты 2 мин хуызы. Уыдонæй 200-йы бæрцæй пайда кæнынц дзæбæхгæнæн мадзæлтты. Фæлæ уыдон хъæуы раст нуазын, æнæмæнг, дохтырты амынддзинæдтæм гæсгæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 360 подписчиков
12+
7 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии