Гуыриаты Надеждæйæн саккаг кодтой уæрæсейы сгуыхт ахуыргæнæджы ном

Йæ телефоны - йæ удæн зынаргъ мысинæгтæ. Гуыриаты Надеждæ сæм кæсы мидбылхудгæйæ æмæ хъæрмуд зæрдæйы ахастимæ. Æмæ кæд фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбонæй хæрз чысыл рацыд, уæддæр сывæллæтты ныридæгæн мысы. Скъолайы цы 45 азы кусы, уыцы рæстæгмæ йæ рауагъдонтæн фæндараст зæгъын афтæ дæр нæ базыдта. Ахуыры азы кæрон уыцы иу рæстæг вæййы хъæлдзæг дæр, стæй æнкъард дæр. Ахуыргæнæджы дæсныйад Гуыриаты Надеждæйæн хуымæтæг куыст нæу. Ахуырдзаутæ та сты йæ бинонтæ. Æмæ æнæ скъолайæ йæ цард нал уыны. Ахуыргæнæг суыдзæн уый йæхицæн йæ сабибонты сбæрæг кодта, зæгъы Гуыриаты Надеждæ. 19-æм æнусы педагогон куыст райдыдта йæ бабайы фыд. Уый чысыл скъола байгом кодта бынæттон цæрджытæн. Сабитимæ куыст та у йæ цард, фæзæгъы йæхæдæг æппынæдзух. Йæ фыццаг урок Гуыриаты Надеждæ радта 18 азы йыл куы цыд, уæд. Ныр дæр ма хъуыды кæны йæ урочы темæ, стæй сывæллæтты цæхæртæкалгæ цæстытæ. Сабиты сцымыдис кæнын хъæуы фыццаджыдæр. Историйы уроктæ хуымæтæг лекци не сты, фæлæ цымыдисаг цаутæ, рагзамантæм балц. Беслæны теракт та у йæ царды зындæр цаутæй иу. Æртæ боны дæр Гуыриаты Надеждæ уыд скъолайы, йæхиуыл бавзæрста æппæт хъизæмæрттæ дæр. Уыцы рæстæгæн абон дæр ферох кæнæн нæй. Беслæны æбуалгъ цауы Гуыриаты Надеждæ фесæфта йæ дыууæ хъæбулы. Уыцы рæстæг дæр хъуыды кодта йæ ахуырдзаутыл. Теракты фæстæ та фæстæмæ æрбацыд скъоламæ. Иумæ иу бинонтау ахызтызты уыцы зындзинæдты сæрты. Беслæны теракты амæттæгты тыххæй мысинæгтæ Гуыриаты Надеждæ хъахъхъæны ныр бирæ азты дæргъы. Скъолайы музей саразыны хъппæрис дæр йæхимæ разынд. Музейы ис чи фæмард, уыцы 334 адæймаджы тыххæй информаци, уæлдай кад - сæрмагонд дæлхайæдты кусджытæн, сывæллæтты ирвæзынгæнгæйæ чи фæмард, уыдонæн. Хъæбатырты хæстæджытимæ дæр фембæлы арæх. Гуыриаты Надеждæ канд ахуыргæнæджы куыст нæ кæны, у скъолайы æхсæнадон царды раззагдæр архайæг. Ныртæккæ ахуыргæнæндоны цæуы егъау цалцæг. Куыстытæм дæр цæст дары. Фæнды йæ цæмæй ног ахуыры аз сабитæн уа æмбæлгæ уавæртæ. Йæ цард Гуыриаты Надеждæ снывонд кодта сибитимæ куыстæн. Æмæ иу хатт дæр нæ фæфæсмон кодта, зæгъы йæхæдæг. Фæзминаг кæстæрты æмæ æцæг патриотты хъомыл кæнын у йæ сæйраг хæс.

Иконка канала IRYSTONTV
1 369 подписчиков
12+
13 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии