Нывгæнæг Екатерина Исаева кусы цымыдисаг проектыл

Афтæ аив зары хиуа. Цъиуты цъыбар-цъыбур Екатерина Исаева рагæй иртасы. Ныффысы сæ пластинкæтыл æмæ уый 'руаджы музей кæны ноджы хъæздыгдæр. Лев Бёмейы рагон коллекцийæ экспонатты та цымæ ног уддзæф бацыд, афтæ. Ацы хай, æвæццæгæн æмæ, у Екатерина Исаевайы проектты æнтыстджындæр æмæ ирддæр хай. Музейы ацы къуымы уæвгæйæ адæймаджы цымæ арф хъæды фесты, афтæ. Йæ алыварс та зарынц алыхуызон цъиутæ. Сылгоймаг йæ куыстытæ бацæттæ кодта Хæххон паддзахадон аграрон университетæн. Ам ацæудзæн экспонатты равдыст. Бакусдзæн ма экспонатты этикетажыл æмæ сæ уый фæстæ равæрдзæн тæрхæджытыл. Ацы хъуыддаг йæ къухы бафтыд аивады Æппæтадæмон нырыккон фестиваль "Аланика"-йы архайды фæрцы. Универститетæн уый стыр æнтыстдзинад у. Тагъд рæстæджы та ма фæнд кæнынц Бемейы кæстæримæ подкаст ныффысын. Уый цъиуты дуне хуыздæр банкъарынæн. Фæлтæртæ цы куыстытæ ныууагътой, уыдонæн стыр нысаниуæг ис абон дæр. Ис афтæ зæгъæн, æмæ ахуыргонд йæ цард снывонд кодта зоологийæн. Мæскуыйы паддзахадон университеты фæстæ кусынмæ сыздæхт йæ райгуырæн горæтмæ. Уæд æрæмбырд кодта цъиуты коллекци. Ныридæгæн Ирина Беме дарддæр хæццæ кæны йæ фыды хъуыды. У Мæскуыйы Паддзахадон университеты профессор æмæ къабазы раззагдæр специалист. Музейы ма сфæнд кодтой Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадæй "Дзæбидырдзуан" ратæлмац кæнын. Тагъд рæстæджы кæй фæнды, уыдонæн се 'ппæтæн дæр сæ бон уыдзæн Кавказы æрдзы сусæгдзинæдтæ хуыздæр базонын. Ахæм равдыст та, æнæмæнг, у пайда ногдзинад.

Иконка канала IRYSTONTV
1 338 подписчиков
12+
11 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии