Камбилеевкæйы фыццæгæм скъолæйы цар ныккалд
Камбилеевкæйы фыццæгæм скъолæйы тыргъы цар ныккалд. Уæззау цæф дзы ничи фæцис. Дыууæ сывæллоны цъæрæмыхстытимæ æвæстиатæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ. Фæстæдæр сæ хæдзармæ ауагътой. Фæнысан кæндзыстæм, объект арæзт у дыууæ бæстыхайæ. Иу дзы бындурой сцалцæг кодтой. Дыккаджы ахуыр кодтой хистæркъласонтæ. Хъæдын цæджындзты аххосæй дзы куыстытæ райдайыны фадат нæ уыд. Æнæнхъæлæджы цау дæр æрцыд ацы бынаты. Ног бæстыхайы арæзтады проект цæттæ у. Ныртæккæ архайд цæудзæн фæрæзтæ райсыны фæдыл курдиат бадæттыныл.