Республикæйы сбæрæг кодтой астæуккаг профессионалон ахуырады бон

Уарзон хъуыддагыл ахуыр кæнынæй æхсызгондæр цы хъуамæ уа? Уæлдай дæр та, фидæны дæсныйад пайда куы хæсса, уæд. Хъæбæлоты у 4-æм профессионалон лицейы студенткæ. Йæ бæллиц у хи æрмадз байгом кæнын. Фæнды йæ театрты артисттæн цымыдисаг уæлæдарæс цæттæ кæнын. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы здæхт фæстаг азты нæ республикæйы у уæлдай парахат. Хуыйæг суæвын кæй фæнды, уыдон чысыл не сты. Лицейы равзарæн ис цалдæр здæхты æмæ ахуырты алы хуызтæ. Парахатдæр у дуалон кæй хонынц, уый. Фæсивæд студенттæ уæвгæйæ куысты нылæууынц. Ам ма уæлдай æргом здахынц практикæмæ. Хистæркурсонтæ исынц заказтæ. Зæгъæм, скъоладзаутæн цæттæ кæнынц кадетон формæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты ахуыргæнæндон уыд иунæг Цæгат Кавказы федералон зылды. Ам цæттæ кодтой дæсны хуыйджыты. Уæдæй фæстæмæ ахуырады хæрзхъæддзинад æппынæдзух рæзт. Фылдæр кодта куыд студентты нымæц , афтæ здæхтыты бæрц дæр. Ацы аз та ма дзы фæзынд ног факультет — хуыйæн дзауматæ цæттæ кæныны дæсны. Фæхуыздæр сты уавæртæ дæр. Уæрæх цехтæ, кусæнгæрзтæ та æрмæст нырыкконтæ. Астæуккаг профессионалон цæттæдзинады ахуыргæнæндæтты 'хсæн Хæххон-металлургон техникум ныр цалдæр азы дæргъы ахсы раззагдæр бынат. Студенттæн ам кусы 14 здæхты. Фæсивæд цымыдис кæнынц алыхуызон нырыккон уавæрты ахуыр кæнынмæ. Парахатдæр здæхт информацион системæтæ æмæ программировани. Астæуккаг профессионалон ахуырады кусæндæттæ рауагътой мингай цæттæ специалисты. Æмæ уый фæлтæрдджын ахуыргæнджыты 'руаджы. Сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл педагогтæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæджы администрацийы разамонæджы хæдивæг Ортабайты Виктор æмæ ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Æнтыстджын куысты фæдыл специалисттæ райстой Кады гæххæттытæ. Астуккаг профессионалон ахуыргæнæндæттæ кæй парахат кæнынц, ууыл дзурæг та сты бæрæггæнæнтæ. 2021-æм азы бюджетон бынæттæ уыдысты 1 мин 800, ацы аз та сты 3 мины 200. Ног æмвæзадмæ хизы ахуырады хæрзхъæддзинад дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 338 подписчиков
12+
19 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии