Ныгуылæн уæлмæрдмæ хæстæг территори æфснайынц
Дзæуджыхъæуы Цæгат-Ныгуылæн æмæ Фæстерчы районты администрацийы минæвæрттæ бавнæлдтой Ныгуылæн уæлмæрды алыварс фæзуат æфснайын æмæ бырон ласынмæ. Сæйрагдæр экологон проблемæтæй иуыл нымад у алфамбылай хауæццæгтæй чъизигонд кæй цæуы, уый. Цардыуаджы æмæ арæзтадон бырон, кондадон æмæ æнæхъæугæ дзауматæ арæх аппарынц кæм не 'мбæлы уыцы рæтты. Закъоны ныхмæ цы егъау бырондон сæвзæрд, уый территоримæ цæрджытæ æмæ алыхуызон куыстуæттæ дарддæр ласынц бырон. Уыцы хъуыддаг нымад у фæткхæлдыл.