Добавить
Уведомления

Спортсменты сразæнгард кæнынæн хъæугæ ныхæстæ ссарын

Спортсменты сразæнгард кæнынæн хъæугæ ныхæстæ ссарын. Сæ арæхстдзинадмæ гæсгæ сын аргъ скæнын, рагагъоммæ бамбарын хуыздæр альпинистыл кæй банымайдзысты, уый. Техникæйы бындуртæ иттæг хорз зонынц, уый дызæрдыккаг нæу. Къæдзæхтыл бырджытæй маршрут кæронмæ чи ацæуы, уый фæстæмæ æрхизы. Финалисттæй иу сси Мамытты Æхсар. Æрыгон нæлгоймаг спорты цыппар азы ис, йæхи фæлвæрдта алыхуызон трассæты. Ныртæккæ дæр архайы йæ зоыныдзинæдтæ фæфылдæр кæныныл, æвзары æппæты зындæр хæслæвæрдтæ. Хæхтæм быргæйæ адæймаджы йæ зындзинæдтæ æрбайрох вæййынц, зæгъы Даниела Оглоблина. Абон ма чызгæн уый ноджы иу хатт сси дæнцæг. Альпинизмы чи архайы, уыдон сты хиуылхæцт, сæ куысты бындурыл нымайынц дисциплинæ. Сылгоймæгты трассæ рогдæр у нæлгоймæгты фæзæй. Фæлæ дзы йæхи хицæндзинæдтæ ис. Сæйрагдæр у хъуыды кæнын æмæ ифтонггæрзтæй раст пайда кæнын. Спортсментæн ацы къæпхæн дыккаг у. Се 'ппæтæн дæр æй зонынц, ахæм трассæтæй зын альпинистон маршруттыл кæй фæпайда кæнынц, уый. Ацы ран архайджыты æнцойдзинадæн къæдзæхты уæлцъарыл ныффидар кодтой ныхдуртæ. Къулымпыдзинад у иунæг - рæстæджы нысангонд æмгъуыд. Ерыстæ аразджытæ - физкультурæ æмæ спорты министрад æмæ Цæгат Ирыстоны альпинизмы Федераци. Ерысты æртыккаг къæпхæн ацæудзæн хæстæгдæр рæстæг. Финал сбæрæг кæндзæн хуыздæрты, кæцытæ дарддæр архайдзысты республикæйы чемпионаты. Кæронбæттæнмæ раззагдæр спортсментæ сæмбырд уыдзысты фæззæджы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 331 подписчик
12+
4 просмотра
год назад

, чтобы оставлять комментарии