Ахсджиаг юбилейты номыл æфсæддон-патриотон концерт арæзт æрцæудзæн Мæскуыйы

Уæлахизы Музейы уазджыты сæ æнкъарæнтæ ахæсдзысты Петербургы паддзах Елизаветæйы галуантæм. Уым 1749-æм азы рахастой Ирыстон Уæрæсемæ баххæсыны уынаффæ. Театралон фæзындтимæ концертон программæ у Цæгат Ирыстоны адæмон артист, бæхты театр "Нарты"-йы аивадон разамонæг Сихъоты Тимуры хъуыды. Режиссер - республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг Валерий Попов. Цæттæгæнæн мадзæлттæ цæуынц бæстонæй. Дæ адæмы номæй минæвар уæвын алкæддæр бæрнон æмæ кадджын хæс у. Репетицитæ цыдысты мæйы дæргъы. Республикæйы историйы тыххæй радзурдзысты филармонийы æппæт къордтæ: национ инструментты оркестр "Ирыстон", вокалон-инструменталон ансамбль "Уацамонгæ", зарæггæнæг Нартыхъты Ланæ, къорд "Фидæн" æмæ адæмон артисткæ Хадыхъаты Аллæ. Цаутæ куыд цыдысты, афтæмæй сæ уазджытæ уындзысты экраныл. Равдисдзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æфсæддон кинохроникæ, фронтæй чи нал сыздæхт, уыдоны ном ссардзысты. Гæздæнты 'фсымæрты мысгæйæ азардзысты "Журавли", уыимæ ма Плиты Иссæйы номыл зарæг. "Сырдоны уайдзæфтæ", "Ирон вальс" æмæ æндæр композицитæ. Иууылдæр баст уыдзысты ирон адæмы культурæ æмæ скондимæ. Æфсæддон-патритон концерт бабæрæг кæнæн уыдзæн 12-æм октябры Мæскуыйы Уæлахизы Музейы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 338 подписчиков
12+
17 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии