Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом ног рæвдауæндон Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сабитæн

Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом ног рæвдауæндон Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сабитæн. Кадджын мадзалы архайдтой хицауады уæнгтæ, хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ, ныййарджытæ æмæ сывæллæттæ. Нырыккон уавæртæ дзы сарæзтой алывæрсыг райрæзтæн. Сæрмагонд дзауматæ æрвылбоны цардæн, хъазæн фæзтæ - ирхæфсæн архайдæн. Рæвдауæндоны ис хореографион æмæ гимнастикæйы, стæй спортивон залтæ, сæрмагонд бынат сфæлдыстадæй архайынмæ. Агъуыстыты та ис интерактивон фæйнæджытæ ахуыртæн. Арæзтады пайда кодтой хæрзхъæд æмæ æдас æрмæджытæй. Хæрз чысыл дзы спайда кодтой æфсæйнагæй, уыимæ схизæнтæ æмæ æрцæуæнтæ та сарæзтой бырынцъаг чи нæ у, ахæм æрмæджытæй. Рудзгуытыл дæр ис срæмагонд хызтæ. Арæзтадон æмæ æдасдзиналы домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Рæвдауæндоны алфамблай фæзуаты та ныссагътой бæлæстæ, цæмæй дзы сæрдыгон уа аууон бынæттæ. Æфсæддонты сывæллæттæн ахæм уавæртæ аразын у Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады раззагдæр хæстæй иу. Рæвдауæндоны ис 250 бынаты

Иконка канала IRYSTONTV
1 334 подписчика
12+
2 просмотра
год назад

, чтобы оставлять комментарии