Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы райдиан кълæсты ахуырдзаутæн бацæттæ кодтой гом урок
Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы райдиан кълæсты ахуырдзаутæн бацæттæ кодтой гом урок - "Их именами названы улицы города", зæгъгæ. Фæсивæдимæ фембæлдмæ фæхуыдтой Хъантемыраты Иринæйы, кæцы радзырдта йæ хæстæг, уæрæсейаг æмæ советон цирчы артисты, советон дуджы бæхты цирчы бындурæвæрæг Хъантемыраты Алыбеджы тыххæй. Скъоладзаутæ цымыдисæй хъуыстой, лæвæрдтой фæрстытæ. Ныхас рауад хъæрмуд æмæ ахадгæ. Иууылдæр радзырдтой цы уынгыл цæрынц, уый историйы тыххæй.