Добавить
Уведомления

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Гуцаты Антоны ингæн ссардтой 80 азы фæстæ

Гуцаты Иринæ йæ бабайы хæрз æфсымæры тыххæй зоны æрмæст йæ ныййарджыты мысинæгтæм гæсгæ. Ацы къам Гуцаты Антонæн у иунæг. Бинонтæм æрбахауд æрæджы. Йæ бынмæ информаци, фыст у немыцан æвзагыл. Йæ цардæй ахицæн 7-æм майы 1943-æм азы. Ныгæд æрцыд уырыссаг уæлмæрды 8-æм майы". Ныхас цæуы Цайнтхайн кæй хонынц, уыцы лагеры уацайрæгтыл. Иринæйæн документтæ кæсын æнцон нæу, уымæн æмæ йæ хæстæджы хъысмæты тыххæй базыдта нырма æрæджы. Сырхгвардион 80 азы нымад уыд сæфтыл. Уый тыххæй хъизæмар кодта йе фсымæр æмæ Иринæйы баба Гуцаты Георгий дæр. Документтæ ссарын æмæ информаци базонын Иринæйæн баххуыс кодта йæ хæстæг. Апрелы социалон хызæгты сывæрдтой 10 мин советон солдаты нæмттимæ хыгъд. Се 'хсæн Гуцаты Антоны картæ дæр. Йæ мæлæты бæлвырд аххосаг бæрæг нæу. Гуцаты Антоныл 25 аз йеддæмæ нæ цыд. Баззадис ын дыууæ сывæллоны, хъомыл сæ кодта йæ кæстæр æфсымæр. Бирæ азты бинонтæн сæ ныфс нæ саст, сæ зæрдæ дардтой Антоны тыххæй исты кæй базондзысты. Лагерь Цайтхайны фæмард сты 30 мин æфсæддоны. Гуцаты Иринæ фæнд кæны Германимæ ацæуын, уæлмæрды ссарын йæ хæстæджы рухс ном.

Иконка канала IRYSTONTV
1 331 подписчик
12+
20 просмотров
10 месяцев назад

, чтобы оставлять комментарии