Цæгат Ирыстоны 1000 бинонтæй фылдæр мадæлты капиталы фæрæзтæй спайда кодтой банкты уылты
Цæгат Ирыстоны 1000 бинонтæй фылдæр мадæлты капиталы фæрæзтæй спайда кодтой банкты уылты. Кредиты æхцаимæ иумæ фиддонæй фæхуыздæр кодтой сæ цæрæн уавæртæ. Уыимæ ма сæ радих кæнæн ис ипотекæ исыны афон. Ома, банчы уыцы иу рæстæг курдиат бадæттын мадæлты капиталы фæрæзтæй спайда кæныны тыххæй дæр. Социалон фонды æмæ кредитон организациты информацион бастдзинады фæрцы архайд бирæ фенцондæр. Æппæт хъæугæ гæххæттытæ финансон кусæндæттæ электронон хуызы раттынц фонды цæгатирыстойнаг хайадмæ. Мадæлты капиталæй цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæныны программæ æппæтæй парахатдæр у. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз фыццаг сывæллоны райгуырыды фæдыл ныййарджытæ райсынц 630 мин сомы. 2020-æм азæй бинонтæй дыккаг саби кæм фæзынд, уыдонæн та мадæлты капитал ноджы фæфылдæр уыдзæн 202 мин сомы бæрц