Сунжæйы сног кодтой дондзæуæн хæтæлтæ. Хызæгтæ ивд нæ уыдысты ивгъуыд æнусы æрдæгæй
Сунжæйы сног кодтой дондзæуæн хæтæлтæ. Хызæгтæ ивд нæ уыдысты ивгъуыд æнусы æрдæгæй. Заууатмæ æрцыдсты æмæ доны æлхъывдад нæ урæдтой. Специалисттæ зын уавæрты куыстой. Хæтæлтæ уагътой ахæм уаццæгты æмæ дзы къæвда бон ацæуæн нæ уыд. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Горæтгæрон район донæй æххæстгæнæг куыстуаты бæрны бакодтой ивгъуыд аз. Уæд сын æвæстиатæй райдыдтой дæсгай азты цы фарстæтæ сæмбырд, уыдон иуварс кæнын. Ныртæккæ æвæрынц хæтæлты 1700 метры. Афтæмæй донæй сифтонг кæндзысты Октябрьскæ, Сунжæ æмæ Черменыхъæу. Уымæй уæлдай ма догуырæнты фæнд кæнынц уæлæмхасæн донцъирæнтæ сæвæрын.