Дзанайты Барис бабæрæг кодта республикон спортивон кусæндæттæ

Дзанайты Барис бабæрæг кодта республикон спортивон кусæндæттæ. Кусæг балцы ма архайдтой вице-премьер Платы Альбинæ æмæ дзуапдæттæг министры хæдивæг Санаты Аидæ. Спортивон скъола "Юность"-ы дыууæ сменæйы архайынц 900 сывæллонæй фылдæр, кусы дзы 50 адæймаджы. Спорты хуызты номхыгъдæй уæлдай, хицауады сæрдар лæмбынæг æркаст финансон-хæдзарадон уавæрмæ. Куыд фæбæрæг кота, афтæмæй республикæйы дарддæр парахат кæнын хъæуы футбол. "Ихын аренæйы" премьер æркаст объекты материалон-техникон уавæрмæ, хъæугæ спортивон инвентарь дзы ис æви нæ, уымæ. Зымæгон спорты хуызты скъоламæ цæуынц 109 сывæллоны. Хицауады сæрдар цы хæслæвæрдтæ радта, уыдонмæ цæст дардзæн Цæгат Ирыстоны спорты министрад.

Иконка канала IRYSTONTV
1 336 подписчиков
12+
13 просмотров
год назад

, чтобы оставлять комментарии