Дондæй æфсадæг паддзахадон унитарон куыстуат ног кæны мæздæджы
Дондзæуæн системæтæй пайда кæныны республикон куыстуаты хъæппæрисæй рацараздзысты Мæздæджы сыгъдæггæнæн хызæгтæ. Арæзт æрцыдысты 1980-æм азты. Бындурон цалцæггонд никуы уыдысты. Дон сæ æппынæдзух кæй кæлы, уый тыххæй сæзгæ сты.Сæ иуæй-иу хæйттæ та бынтондæр нал бæззынц. Бындурон цалцæджы программæйы фæлгæты баивдзысты аэратортæ, биологон сыгъдæггæнæн блоктæ æмæ æндæртæ. Фыццаградон къæпхæныл уал специалисттæ сцалцæг кодтой змисимæ бункер. Уый руаджы минералон æгъдауæй дон цæуы сыгъдæггонд. Ныридæгæн ма кусджыты къорд сцалцæг кодтой 3 сæрмагонд гарзы дæр. Сыгъдæггæнæн хæтæлтæ бакусынц æмæ ссыгъдæг кæнынц 10 000 кубометры дон суткæмæ. Уарыны дон ацæуы механикон, биологон æмæ ультрафиолетæй сыгъдæггæнæн мадзæлттæ. Фыццаг аиуварс кæны ставд бырон, уый фæстæ та йæ ссыгъдæг кæны биологон æмæ æндæр чъизитæй. Уый фæстæ дон вæййы кæсаг ддарæн дæр.