Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ республикæйы хи найæн объектты æдасдзинад бæрæг кæнынц

Æдасдзинад хи найæн бынæтты. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц, цард бахъахъхъæныны тыххæй хуымæтæг домæнтæ æххæст кæнын æнæмæнг кæй хъӕуы. Радон рейд сарæзтой Доны станцæйы. Ацы сæрд хур бонтæ арæх не сты. Уымӕ гӕсгӕ, хорз боныхъæд куы вæййы, уæд Доны станцæ адæмæй нал фæзыны. Цæмæй улæфт бæллæхмæ ма расайа, уый тыххæй ахсджиаг у æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æрвылбон цæрджытимæ кæнынц æмбарынгæнæн ныхас. Сидынц къæрцхъусдæр уæвынмӕ. Æнæнхъæлæджы цау фылдæр хатт æрцæуы, адæймаг расыг кæй вæййы, уый аххосæй. Арæх цæрджытæ сæхи фæнайынц, кæм не ‘мбӕлы, ахæм бынæтты дæр. Уый æвзæр фæстиуджытæм расайы. Уæлдай цæстдард хъæуы сывæллæттæм. Уыцы бæрн та, специалистты ныхæстæм гæсгæ, ис ныййарджытыл. Ирвæзынгæнджытæ æдасдзинадмæ сæ хъус дарынц æппынæдзух. Фæлæ цæрджытæ сæхæдæг дæр хъуамæ æдасдзинады домæнтæм куыдфæндыйы цæстæй ма кæсой. Ленк кæнын чи нæ зоны, уыдоны хъæуы сæрмагонд гæрзтæй пайда кæнын. Ам кусы медицинон пункт дæр. Цæгат Ирыстоны найæн бынæттæ сты æхсæз. Æнæнхъæлæджы уавæрты сæйраг управленийы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй цæрджытæ арæх фæулæфынц, цæуыны бар дæр кæдæм нæй, ахæм бынæтты. Ахæм профилактикон рейдтæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ кæнынц æппынæдзух. Хи найæн кæм ис, уыцы бынæтты хыгъд фенæн ис ведомствойы сæрмагонд фарсы интернеты.

Иконка канала МЧС Северной Осетии
46 подписчиков
12+
18 просмотров
4 года назад

, чтобы оставлять комментарии