Цæгат Ирыстоны бæрзонд хæрзхъæддзинадимæ интернетæй æххæст сты хæдзæртты 93%

Цæгат Ирыстоны бæрзонд хæрзхъæддзинадимæ интернетæй æххæст сты хæдзæртты 93%. Ацы азы 1-æм январы онг бæрæггæнæнтæ пресс-конференцийы фæлгæты фехъусын кодта нымæцон райрæзты комитеты сæрдар Гахаты Даниил. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Ирыстон ис бæстæйы нырыккон технологитæ царды алы къабæзты чи парахат кæны, уыцы 20 раззагдæр регионты хыгъды. 2030-æм азмæ интернет кæм ис, уыцы хæдзæртты нымæц хъуамæ фæфылдæр уа 97% онг. Ацы бæрæггæнæн снысан кодтой æппæт Уæрæсейæн дæр. Иу ахсджиаг фарста ма сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн æххуысы мадзæлттæ. Гахаты Даниил куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы куыст ныртæккæ цæуы дзуапдæттæг министрад æмæ "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ" фондимæ иумæ. Национ проект "Нымæцон экономикæ"-йы фæлгæты та архайд парахат кæны. Ома, гæнæнтæ фæзынд бæрзонд технологон амалхъомадæн. Хорзы 'рдæм ахады бæстæйы æмвæзадыл дунеон глобалон фæзуаты, æмæ, æнæмæнг, цæрджыты цардыл. Бастдзинад æххæст кæнынц социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы объектты дæр. Уыимæ дæрддзæф рæттæм дæр. Æппæт хъæуты скъолатæм дæр бахæццæ хæрзхъæд интернет. Уæдæ ис горæты скъолаты. Фидæны та ма интернет фæзындзæн федералон фендæгтыл дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 338 подписчиков
12+
16 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии