Добавить
Уведомления

Дзбойты Батырбеджы райгуырдыл сæххæст 90 азы

Бабле - афтæ йæ фырбуцæй хуыдтой йæ хæлæрттæ æмæ зонгæтæ. Цæгатирыстойнаг телеуынынадæн Дзбойты Батырбег канд режиссер æмæ актер нæ уыд, фæлæ йæ уд. Студийы фæзынд та уæлдай ныхасы аккаг у. Уæды рæстæджы - экономикæйы зын уавæрты, алы уынаффæ дæр федералон центр куы нысан кодта, уæд Дзæуджыхъæуы кинойы рауагъдады фæзынд дисы 'фтыдта. Бындурæвæрджытæ кодтой фыццаг къахдзæфтæ кинойы. Кадртæ æвзæрстой студийы. Æмæ Бабле се 'хсæн æппæты æрыгондæр уыд. Баскаты Уырызмæг мысы: Баблейы сценейыл федта 58-æм азы. Уайтагъд æй бамбæрста, сфæлдыстадон адæймаг кæй у,уый. Йæ бон уыд æххуысгæнæгæй, дыккаг режиссерæй, сценаристæй кусын. Æппæтдæр — цæмæй кинойы рауагъдад республикæйы рæза. Йæ сæйрагдæр куыстытæй иу у "Прощайте, коза и велосипед", зæгъгæ - æвдисы дзы йæ уæззау сабибонтæ. Ныййарджытæ хæстæй нал сыздæхдысты, сылгоймæгтæ идæдзæй фыдæбон кодтой æмæ хуыздæр цардмæ бæллыдысты. Фæлæ ахæм уавæрты дæр Бабле циндзинадæн бынат ссардта. Йæ æмкусджытæ иу дисы бацыдысты, цас ын æнтысы, зæгъгæ. Йæ уды æмæ зæрдæйы сконд – аив. Батырбег критикæ иста. Йæхæдæг дæр иу афарста "Кæм и мæ рæдыд, хатдзæгтæ скæндзынæн",зæгъгæ. Уый кинонывты æвдыста йæхæдæг хайджын цæмæй уыд, уыцы хорз миниуджытæ. Абон Дзбойты Батырбеджы бынтæ - республикæйы кинойы, телеуынынады, радиойы егъау хай. Йæ куыстытæ бахъахъхъæнын у ахсджиаг хæс. Йæ кадртыл æгас Кавказы бирæ фæлтæртæ схъомыл. Бабле йæ фæстæ æрмæст кинонывтæ нæ ныууагъта. Равдыста адæммæ æмæ дæсныйадмæ цы ахастдзинад хъуамæ уа, уый. Уарзондæр куыстыл æнувыд уæвын æмæ царды зындзинæдтыл æмбæлгæйæ дæр стыр зæрдæимæ, æцæг адæймагæй баззайын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 307 подписчиков
12+
11 просмотров
14 дней назад

, чтобы оставлять комментарии