Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис хæрзгонд æрцыд Пушкинаг сызгъæрин майданæй
Хозиты Барис Цæгат Ирыстоны фысджыты 'хсæн фыццаг у, Пушкинаг сызгъæрин майданæй кæй схорзæхджын кодтой. Номдзыд поэты райгуырды 225 азы кадæн Уæрæсейы Фысджыты цæдисы расидтысты конкурс. Ирыстойнаг ахуыргондæн "Литературон газет" æмæ "Литературон Уæрæсе"-йы йын цы куыстытæ рацыд, уыдон къамисы уæнгтæ бæрнон, бындурон куыстыл банымадтой. Хозиты Барисы конкурсон куыстытæ баст сты мадæлон æвзаджы уавæримæ, ирон литературæимæ, Уæрæсейы литературон процесстимæ. Уæвгæ, нæ литературæйы фæдыл дæсгай статьятæ, уацтæ, монографитæ ныффыста. Ахсджиаг уый у, æмæ сæйрагдæр фыссы нырыккон литературæйыл. Иртасы нартæккæйы авторты уацмыстæ, фыссы критикон статьятæ. Хозиты Барис сарæзта 25 чиныджы. Ныртæккæ дæр ын 3 чиныджы ис рауадзинаг. Иу сæ ныридæгæн сцæттæ. Бахаста йæм уырыссаг æвзагыл хуыздæр цы статьятæ ныффыста, уыдон. Дыккаджы уыдзæн ирон æвзагыл статьятæ, иннæ — монографион куыст нырыккон ирон поэзийыл. Уый у кандидитон диссертаци. Гуманитарон зонæдтæн Хозиты Барис бирæ азты дæргъы æнæзæрдæхудт лæггад кæны. Фæлæ йæ зæрдæ аивадимæ дæр дзуры. Егъау иртасæн куыст бакæнгæйæ, ссардта 392 ирон пьесæйы. Йæ статья схуыдта "Æмæ, дам, ирон пьесæтæ нæй". Режиссертæн, театртæн æмæ хæдахуыр артисттæн уый стыр лæвар у.