Ирыстоны федералон программæты 'руаджы дарддæр цæуы дондæттæн æмæ донуадзæн объектты модернизаци

Цæгат Ирыстоны федералон программæты 'руаджы дарддæр цæуы дондæттæн æмæ донуадзæн объектты модернизаци. Уый тыххæй фехъусын кодтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады программæты райрæзты фарстаты фæдыл æмбырды. Арæзт æрцыд хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй. 2024-æм азы ведомство æххæст кæны бындурон арæзтады 10 объекты, уыдон сты ивгъуыд азтæй хаст. Афтæмæй, Алагиры дондзæуæн хызæгты техникон цæттæдзинад у 90%. Паддзахадон программæты фæрцы ма дондæттæн хæтæлты егъау рацарæзт цæуы Алагиры районы хæххон хъæуты. Специалисттæ æмткæй райсгæйæ, сæвæрдтой хызæгты 34 километры, сцæттæ кодтой 193 цъайы. Арæзтадон программæ æххæст кæнын райдыдтой 2021-æм азы æмæ ахæсдзæн 2025 азмæ. Æппæт куыстытæ дæр цæуынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Дзанайты Барис бабар кодта, дарддæр дæр æнтыстджынæй архайын. Цыбыр рæстæгмæ нуазыны донæй республикæйы цæрæн пункттæ сифтонг кæнын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 338 подписчиков
12+
20 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии