Архонкæйы 1-æм скъолайы байгом арæнхъахъхъæнæн кадетон кълæс
Кадджын линейкæйы Архонкæйы 1-æм скъолайы сывæллæттæ, сæ ныййарджытæ æмæ педагогтæ. Хицæн рæнхъытæй лæууынц кадетон кълæсты ахуырдзаутæ. Се 'хсæн ног профилонтæ дæр - сты æндæр уæлæдарæсы - фидæны арæнхъахъхъæнджытæ. Се 'ппæтæн дæр раарфæ кодтой Æдасдзинады федералон службæйы ветерантæ. Сабитæ кæд тынг тыхсынц, уæддæр ард хæргæйæ сæ сæйраг ныхæстæ фидарæй загътой. Уый фæстæ та скодтой кæрдæгхуыз сæрмагонд худтæ. Арæнхъахъхъæнæн здæхтимæ кадетон кълас фыццаг у ацы скъолайы, стæй уæвгæ, республикæйы дæр. Фидæны фæсивæдмæ æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг архайд. Скъолайы программæйæ уæлдай ма ахуыр кæндзысты уæлæмхасæн дисциплинæтæ. Æфсæддон патриотон хъомылад æмæ дисциплинæ та æппæт ахуырты бындур. Кадетон кълас кæй байгом, уый тынг æхсызгон у арæнхъахъхъæнæн службæйы ветерантæн. Уыдоны дæнцæг уынгæйæ фæсивæды фæнды архайын æмæ хуыздæр суæвын. Архонкæйы 1-æм скъола у раззаг - ахæм здæхтимæ кълæстæ кæм фæзынд, уыцы скъолаты 'хсæн. Иннæ къуыри арæнхъахъхъæнæн кадетон кълæстæ байгом кæндзысты 4-æм гимназы дæр.