Алыккаты Михаил æхцайы фæрæзтæ сæмбырд кодта СВО-йы архайджытæн

10-аздзыд лæппу Мишæ афæдзы дæргъы æхца æмбырд кодта квадроцикл балхæнынæн. Фæлæ йæ хъуыды фæивта. Цы фæрæзтæ фæстауæрц кодта, уыдон сфæнд кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн арвитын. Скъоладзауы ахæм хорз хъуыддаг саразымæ сразæнгард кодта йæ фыды дæнцæг. Æрыгон патриотæн æппындæр уæгъд рæстæг нæй. Фылдæр уарзы гæххæттимæ кусын æмæ фокустæ æвдисын. Йæ царды ахсджиагдæр хъуыддаг та у спорт. Мишæ тхэквондойæ ныридæгæн архайы æртæ азы. Фидæны мæ фæнды тренер суæвын, - зæгъы лæппу. Йæ тренер Дудиаты Мараты фидарæй уырны, йæ хъомылгæнинаг æнтыстджын кæй уыдзæн, уый. Удæй æмæ физикон æгъдауæй хъæддых лæппуйæн ма ис стыр æмæ фæлмæн зæрдæ. Мишæйы райрæзтмæ стыр æвæрæн хæссы йæ ахуыргæнæг, дзуры лæппуйы мад Дианæ. Йæ ахуырдзауы æрхъуыдыдзинад педагогæн йæ зæрдæ бацагайдта. Светлана Фадеева куыд радзырдта, афтæмæй Мишæ фыццаг къласæй фæстæмæ хицæн кодта йæ уæззау зондæй, цымыдисдзинадæй æмæ патриотизмæй. Æппæт ацы хъуыддæгтæ бинонтæй рахæсгæ сты,- зæгъы сылгоймаг. Сывæллæттæн æй радзырдтон. Литературæйы урок нæм уыд. Ныхас кодтам Минин æмæ Пожарскийы тыххæй. Хæларзæрдæ адæмы тыххæй, уыдон зын сахат цæттæ вæййынц баххуыс кæнынмæ. Бирæ фæрстытæ уыд сывæллæттæм æмæ сын æз афтæ зæгъын, зонут æй уе 'мкъласаг Мишæ дæр хæрзгæнæг кæй у, уый. Цы æхцайы фæрæзтæ фæстауæрц кодта, уыдон арвыста Сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ. Ахæм хорз хъуыддаг сарæзта йæ фыды дæнцæгмæ гæсгæ. Мишæйæн бирæ хæлæрттæ кæй ис, уый æппындæр диссаг нæу. Алкæйы зæрдæмæ дæр фæндаг ссары. Йæ хоимæ иу къласы ахуыр кæнынц. Кæрæдзийы ныхмæ дæр фæвæййынц, фæлæ се 'хсæн фидар бастдзинад ис. Цымыдис æй кæны политикæ, ныртæккæ дунейы цы цаутæ цæуынц, уыдон зоны. Сæрмагонд уæлæдарæс æмæ сын дзы экипировкæ нæ рацæудзæн, фæлæ адджын сихор скæнынæн рафаг уыдзысты. Ахæм хъуыдытимæ арвыста йæ æхцайы фæрæзтæ. Куы йæ базыдта æрмæг исынмæ йæм æрцæудзысты, уæд дæр нæ разы кодта, æз сæ уый тыххæй нæ арвыстон, зæгъгæ. Зæрдиагæй скодта ацы хъуыддаг. Мишæ хорз хъуыддаг кæй сарæзта, ууыл дызæрдыг нæ кæны. Йæ æххуыс, æнæмæнг, хъæугæ у сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Цы фæрæзтæ сæмбырд кодта, уыдон ныридæгæн бынатмæ æрвыстæрцыдысты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 338 подписчиков
12+
13 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии