Вице-премьер Атараты Георгий сæххæст кодта чысыл Мишель Михайловайы бæллиц
Ног азы фæлладуадзæн бонтæ Мишель Михайлова хъуыды кæндзæн бирæ рæстæг. Рагæй цæмæ бæллыд, уый сæххæст. Уазæгуаты ацыд Митыд Дадайы хæдзармæ - Стыр Устюгмæ. Фембæлд Митын Дадаимæ, радзырдта йын æмдзæвгæ, радтой йын лæвар дæр. Чызг цымыдсæй дзуры Митын Дадайы хæдзары цытæ федта, уый тыххæй. Ис ын дзы 12 агъуысты, фæлладуадзæн æмæ кусынæн уаттæ, уæлæдарæс æвæрæн бынат, стæй, æнæмæнг, Ног азы пост. Уыдон Мишель раздæр федта æрмæст нывтыл. Фæлæ æцæгæй бирæ цымыдисагдæр сты. Программæ дæр уыд аив. 2 бонмæ Мишель йæ мадимæ бирæ цымыдисаг бынæттæ федтой, суанг ма къахдзоныгътыл бырæн фæзы дæр. Мишель у хъыгдард æнæниздзинадимæ сывæллон - æвзæр хъусы. Уæззау операцийы фæстæ цæуы реабилитацийы курс. Тынг хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы, уымæн æмæ иу ран бадын йæ бон нæу. Архайы вокалæй дæр, уæдæ ахуыр кæны нывкæнынады скъолайы. Ног азы бæрæгбон йæ мады фæндыд сывæллоны бахъæлдзæг кæнын. Уымæ гæсгæ бацархайдта æппæтæуæрæсеон акци "Бæллицты зазбæлас"-ы. Мишелæн йæ сæйраг хъуыды сæххæст кодта вице-премьер Атараты Георгий. Æппæтуæрæсеон акци "Бæллицты зазбæлас"-ы æххуысæй сабиты ахсджиаг хъуыдытæ æххæст кæнынц 2018-æм азæй нырмæ. Архайынц дзы бæстæйы æмæ регионты хицауады уæнгтæ æмæ зæрдæхæлар адæм. Се 'ппæты дæр сæ фæнды Ног азы бæрæгбоны рæстæг сабиты æцæг алæмæты цаутыл баууæндын кæнын.