Дзæуджыхъæцы ацыд чызджыты 'хсæн æрвылазон фестиваль-æркаст ирон æгъдæуттæ æмæ æвзаг зонынæй

Ахсджиаг къæпхæны размæ цæттæгæнæн мадзæлттæ. Чызджытæ тыхсынц, алчидæр сæ архайы аивдæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр уæвыныл. Сæ конкурсон уæлæдарæсы ногæй æмæ ногæй фæлхат кæнынц æрмæг. Беслехъоты Роксанæ ахуыр кæны 13-æм скъолайы, æркастмæ йæхи цæттæ кодта мæйы бæрц. Куыд иннæ архайджытæ, афтæ йæ æмбары цы бæрнон хæс æвæрд ыл ис уый - йе скъолайы ном бахъахъхъæнын. 13-æм скъолайы райсомæй нырмæ у бæрæгбон хуыз. Ныр 10 хатт ахуыргæнæндоны бындурыл бацæттæ кодтой "Ирон дæн æз" æркаст. Æвзарæн къæпхæн горæты скъолаты чызджыты 'хсæн æдæппæтæй æрбамбырд кодта 12 архайæджы. Æнхъæлмæ сæм кастысты алыхуызон хæслæвæрттæ. Мыггаджы равзæрд, ирон æгъдæуттæ, бæрæгбæтты тыххæй радзурын, нæ фыдæлты хæринæгтæ бацæттæ кæнын. Æппæт номинацитæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, мадæлон æвзагыл. Чызджыты цæттæдзинадæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ. Се 'хсæн фæлтæрдджын специалисттæ, ирон æвзаджы дæснытæ, æхсæнадон архайджытæ. Сæйрагдæр уыд зонындзинæдтæ, артистизм æмæ арæхстдзинад равдисын. Ирон æвзаг, æгъдæуттæ æмæ культурæ парахат кæнын. Ахæм у мадзалы нысан. Æрвылаз æй бацæттæ кæнынц æхсæнадон змæлд "Иудзинад"-ы хъæппæрисæй, ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ Аланты ныхасимæ иумæйагæй. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæн бацæттæ кодтой æхцайы премитæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Дарддæр та хуыздæртæ ерыс кæндзысты республикон æмвæзадыл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 332 подписчика
12+
11 просмотров
год назад

, чтобы оставлять комментарии