Фæлæ фæлладуадзæн афоны ахсджиагдæр у æдасдзинад
Ахуырадон аз кæронмæ æрхæццæ. Сывæллæттæн ралæууыд æнæмæт æмæ хъæлдзæг рæстæг. Уыимæ ма сын уымæн æппæт уавæртæ дæр аразынц. Фæлæ фæлладуадзæн афоны ахсджиагдæр у æдасдзинад. Уымæ та кæсынц Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусдджытæ. Мониторинг райдайы территори сбæрæг кæнынæй. Фыццаджыдæр раиртасынц кæрдæджы джыбытæ ис æви нæ, уый. Фæстаг рæстæг кæуыл фæхæцыдысты, уыдоны нымæц рæзы. Дарддæр федтой хъазæн фæзы уавæртæ, аргъ скодтой бассейны доны хæрзхъæддзинадæн. Æрæджы йæ сцалцæг кодтой, сифтонг æй кодтой хъармгæнæн æрмæджытæй. Ам сæм фиппайнæгтæ нæ разынд. Къæбицмæ хъуамæ фау æрхæссæн ма уа. Хæринаггæнджытæ хойрæгтæ дарынц сæ хуызтæм гæсгæ. Æппæт ифтонггæрзтæ кусынц æнæ къуылымпыйæ. Æнцонвадат рауадысты сывæллæтты хзуыссæн уаттæ дæр, номыртæ сты сыгъдæг æмæ удæнцой æмæ уый диссаг нæу, сæрдыгон сезоны размæ бæстыхайы уыд рог цалцæг. Лагеры программæ хъæздыг рауад. Иу рад ахæсы 18 боны æмæ дзы алы минут дæр цавæрдæр архайдæн нысангонд у. Æмткæй уыдзысты 6 фæлтæры, се 'хсæн тематиконтæ дæр. Ныртæккæ "Звездочка"-йы цæрынц спортсментæ, уый фæстæ сæм саккаг кæндзысты æвзонг журанлисттæ æмæ фæсивæдæй ирон æвзаг бындуронæй чи ахуыр кæны, уыдон. Æртæ мæймæ ам сæхи ирхæфсдзысты дыууæ сæдæ æнахъомæй фылдæр. Æмткæй Цæгат Ирыстоны ис 172 лагеры, уыдонæй 8 сты стационарон. Сæ байгом кæныны размæ сæм бæстон æркастысты Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджытæ, мониторинг сæ цæудзæн сæрды кæронмæ.