"Алайнаг Фыранкты"хуссар федералон зылды ерысты дыккаг къæпхæ

Алайнаг Фыранктæ ногæй нæхимæ сты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сæ размæ уæлдай бирæ хæстæ æвæрынц. Æрвылбон тыхджындæргонд тренировкæтæ, карз фæтк æмæ æрмæст пайдаджын хæринаг. Ацæмæз бомбардир у. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, сæйрагдæр фæндон у. Хъару дæр буары уый æвзæрын кæны. Алы хъазты рæстæг дæр хъæуы размæ бырсын, фæстæмæ къахдзæф дæр нæ. Фæсивæды сæ уæлахиз уырныдта æмæ сæ дзырд нæ фæсайдтой. Цыппар хъазты æмæ æртæ уæлахизы. Ахæм хатдзæгимæ фæцис Сочийы Хуссар федералон зылды ерысты дыккаг къæпхæн. Командæ равдыста ныфсджын хъазт æмæ хорз бæрæггæнæнтæ. Дзырдæн, фыццаг къæпхæны фæстæ егъау куыст бакодтой. Равзæрстой куыд сæхи, афтæ алы ныхмæлæууæджы рæдыдтытæ дæр: видео-анализы 10 сахатæй фылдæр. Уый фæстæ къухты бафтыд æнтыстдзинад. Тренировкæ кæнын та суанг 2 январы райдыдтой, бон цалдæр хатты. Алы лæппу дæр йæ тых æмæ бонæй хъазыд. Капитаны ныхæстæм гæсгæ, ацы хатт æнæ рамбулгæ нæ уыд. Тренеры, командæйы æмæ хи фæсайын дæр никæй фæндыдис. Кæронбæттæн хъазты дæргъы зæрдыл лæууыд йе 'ппæты фыццаг рацыд ихмæ. Куы иу ахауд, уæд иу ын тренер ныфсытæ æвæрдта: «Фæкæлын диссаг нæу, сыстын хъæуы, æндæр». Ныр уыцы ныхæстæ йæ сæрæй нал цыдысты. Уымæн æмæ, фыццаг хъазты фæхæрд уæвгæйæ, нæ басастысты æмæ æртæ хатты рамбылдтой. Ныр хъæуы æртыккаг къæпхæны фæуæлахиз уæвын. Ихын аренæ «Тагбан» суазæг кæндзæн алы регионтæй 6 тыхджындæр командæйы. Алайнаг Фыранктæ нæхимæ 5 хъазты акæндзысты. Тренертæ фæсивæды æнтыстыл дызæрдыг нæ кæнынц. Нæ командæйы фарсмæ æрбалæууын алкæй бон дæр у. 27 февралы 10 сахатыл Тагбаны уыдзæн æртыккаг къæпхæны фыццаг хъазт.

Иконка канала IRYSTONTV
1 335 подписчиков
12+
14 просмотров
год назад

, чтобы оставлять комментарии