Дзæуджыхъæуы байгом ирон æвзаджы клуб
Куыд арæх фехъусæм ирон ныхас, уæлдай дæр та фæсивæды 'хсæн? Хъыгагæн, абон нæ мадæлон æвзаг зын уавæры ис. Йæ бахъахъхъæнын алчи йæ хæс куы скæнид, уæд йæ фидæн дызæрдыггаг нæ уаид. Ацы хъуыддагмæ куыд фæндыйы цæстæй нæ кæсы Борсæты Таймураз. Байгом кодта ирон æвзаджы клуб. Кусы национ чиныгдоны бындурыл. Ам фембæлынц алы кары æмæ адæмты минæвæрттæ. Æппæт хъуыддæгтыл ныхас кæнынц æрмæст ирон æвзагыл. Ахуыртæй иу бабæрæг кодта нæ уацхæссæг Саулаты Аланæ.