Боксæй республикон ерысты архайы 400 спортсменæй фылдæр
Тренеры уæлахизхæссæг амынддзинæдтæ æмæ рингыл ныхмæлæуд райдыдта. Спортсментæ тох кæнынц æппæт тыхтæй. Рауль Коберидзе боксмæ 4 азы цæуы. Бæллы Мохаммед Али и Константин Цзюйы æнтыстдзинæдтæ аййафын. Цыфæнды тых æмæ техникæ æнæ зонд æнæахадгæ сты, уæлахизхæссæг уый у, — зæгъы 12-аздзыд лæппу. Спорты æмхуызон ма уарзы поэзи. Скъолайы дæр уырыссаг æвзаг æмæ литературæ йæ уарзон предметтæ сты. Боксæй ерыстæ сарæзтой Беслæны. Фыццаг уал — æвзарæн къæпхæн. Хуыздæртæ та Ирыстоны номæй сæхи фæлвардзысты Цæгат Кавказы æмвæзадыл. Ахæм фадат ауадзын никæй фæнды. Уæдæ тренертæ дæр реферитимæ арæх фæбыцæу вæййынц, — зæгъы сæйраг тæрхонгæнæг Демыраты Зауыр. Æмæ уый тыххæй мидтыхстыл хъуамæ фæтых уай. Цæгат Ирыстоны чемпионаты архайы 37 командæйы æгас регионæй, уыдоны ис 400 спортсменæй фылдæр. Сæ кар 13-æй 40 азы онг, кары категоритæ сты 5. Кæронбæттæн тохтæ уыдзысты 16 январы. Нырма та уал майдантæ, кубоктæ æмæ дипломтæ сæ хицæуттæм æнхъæлмæ кæсынц.